Хуыцауы Дзуары Бæрæагбоны Куывд

Стыр Хуыцау, Дӕумæ кувам!

- Оммен, Хуыцау!

- Дæуæй цардамæндтæ курæм!

- Оммен, Хуыцау!

- Дунейы дзыллӕты ,хсӕн змӕст у,

- Дзыллӕтæ кæрæдзийы куыд бамбарой,

Се'хсӕн амондджын лæг куыд сӕвзæра, уымæ хъусæг куыд уой!

- Оммен, Хуыцау!

- Абон хохӕй, быдырæй, чысылай, стырæй

- Дæ бынмæлæгъстæ кæнынмæ æрцы- дыстам,

Æмæ нӕ алчидæр зæрдӕрухс, хъæлдзӕ- гæй фæцæрæд!

Сæ кувӕггæгтæсын бастӕн айс!

- Оммен, Хуыцау!

- O Tбау уацилла, бӕрзондыл бадыс,

Ныллагмæ нын рæсугъд хӕрзтæ ракæн!

Амонддæттæг, фыдбылызсафæг дӕ,

Hæ блэтӕ нын фесаф,

Нæ цардамӕндтӕ уӕлахиз фæкæн!

- Оммен, Хуыцау!

- О Тӕхгӕ-Нӕргӕ Уастырджи!

Байраг-бӕхгӕнӕг, лӕппу лӕггӕнӕг дӕ!

Hæ лӕппутӕ - лӕггӕтӕ нӕ байрӕгтӕ,бӕхтӕ куывд кӕной!

Ахæм амонд нын ратт!

- Оммен, Хуыцау!

- Уастырджи, фӕндаггоны фарс дӕ, зæгъгӕ, фыдæлтӕй баззад!

Балцдонæй, бæттонæй де уазӕг стӕм!

Нæ æлццæттæ хорз фæндæгтыл фæцæуæнт

Ӕмæ дзагармæй сӕ хӕдзæрттыл сӕмбæлæнт!

- Оммен, Хуыцау!

- Абон Хуыцауы дзуары бын кувынц адам.

Белицон адӕм сты æмæ сæ алчидӕр

Йæ хæдзарыл амонддынæй сæмбæлад!

- Оммен, Хуыцау!

- О Рыныбардуаг, а бæстæм куы'рцæуай,

- Уæд нæ хъазгæ, худгæйæ ныууадз!

- Оммен, Хуыцау!

-Алардыхъан, дӕ хорзӕх нæ уæд!

Нæ сабитæ-де уазæг, нæхӕдӕг-Хуы- цауы уазӕг,

Афтæмæй нӕ цард амондджынæй цæуæд!

- Оммен, Хуыцау!

- Ног дзуар, дӕ хорзӕх, дæ арфæ нæ уæд,

- Ног хъуыддæгтæ, ног амондæй нын хай бакæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Хъӕузӕд, Хъӕудуаг, дӕ хорзӕх æмæ нӕ дӕ арфæ хорзӕй уӕнт!

Хъæуы цӕрджытæ, фасивӕд фӕдисы,

Хæсты макуыуал бахъæуæнт!

Алчидӕр йæ хъæубæстимæ амондджынай,

Зардæрухсæй, уарзонæй фæцæрæд!

- Оммен, Хуыцау!

- Ӕфцӕджы зæдтæ æмæ дауджыта,

Уæ хорзæх, уæ арфæ нæ уæд!

Афцджытыл чи цæуы, уый амондджын фæндæгтыл фæцӕуӕд!

-Оммен, Хуыцау!

-О нæ быдыры задтæ, дауджытæ:

Уацилла, Цыргъобау, Мӕздаджы,

Елхоты, Дзылаты Фӕлвӕра!

Уæ алыварс нӕ хор-хос зайы,

Нахи къухвӕллойæ, Хуыцауы руаджы,

Хорджын, фосджын куыд уæм,

Ахæм зӕрдиаг арфæ нын ракæнут!

- Оммен, Хуыцау!

-О Хетæджы Уастырджи, хӕстон лӕг уыдтæ,

Нæ фæсивæды нын хæстæй бахъахъхъæн, амондæй нын хай бакæн

- Оммен, Хуыцау!

- Уæдӕ Ныхасы Бӕрзонд Уастырджи, Реком, Мыкалгабыртæ,

Тибы Таранджелоз, Згъилы Самтыхос,

Рагон хæрзтӕй нын ӕргом хӕрэтӕ ракӕнут!

- Оммен, Хуыцау!

- Хуыцауы дзуар, абон дæ кувӕггагæй чи сахода,

Уымæн æвдадзы хос куыд феста æмæ дӕм фидӕн ацафон

Ноджы зæрдиагдæрæй куыд æрбацæуа, ахæм арфæ йæ уæд!

- Оммен, Хуыцау!

- Ухдæ кувын кæмæн хъæуы

Зæдтæ æмæ дауджытæй-се'ппӕтан дӕр ӕхцон фӕуӕнт!

Чи ацахода, уый цардамӕндтӕй хай- джын уæд!

- Оммен, Хуыцау!

Хотите добавить статью?

Отправьте на почту