Хуыцауæхсæвы Куывд

- Дунедарӕг Иунӕг Кадджын Хуыцау, табу Дахицӕн!

Ды нӕ радтай зæххыл цæрынӕн.

Бирӕ фарн æмæ амондæй хайджын чи у, уый æмбал - нæ фæкæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Нæ фыдæлты Зæронд Уастырджи!

Cay хохы бæрзонд-дæ бадæн, быдыры-дӕ фӕлгӕсӕн.

Хохæй, быдырæй нӕ гыццыл Ирыстон - де уазæг, ды-йæ фæдзæхсӕг!

- Оммен, Хуыцау!

- Реком, Мыкалгабыртæ!

Нæ кад æмæ не гъдау нӕхимæ куыд уой, уыцы арфӕ нын ракæнут!

- Оммен, Хуыцау!

- Аларды æмæ Рыныбардуаг!

Рын æмæ фыдбылызæй хызт куыд уа,

Цард æмæ амондӕй та æфсæст,

Уыцы арфæ ракæнут нæ гыццыл Ирыстонӕн!

- Оммен, Хуыцау!

— Хъӕриуы зӕдтæ, табу уӕхицӕн!

Зӕдты тӕрхондоны бадут,

- Амондджын тӕрхон цы рахæссат,

Уымæй нæ фæхайджын кæнут!

- Оммен, Хуыцау!

- Æвзвӕндаг, табу дӕхицæн!

Ныры фæсивӕд сты ӕфсӕнбарджытæ,

Ӕмæ рухс фæндæгтыл куыд цӕуой,

Уыцы арфæ сын ракæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Хуыцауы дзуар, Хуыцаумӕ цӕуӕг дӕ æмæ Хуыцауӕй цы хорздзинӕдтæ æр- хӕссай,

Уымæй-иу нын дӕ цӕст бауарзӕд!

- Оммен, Хуыцау!

- Арвы Уацилла æмæ Фосы Фӕлвӕра,

Цы хор ӕмӕ цы фосыл хӕст стӕм,

Уый нын куывдты хӕринаг фӕкӕн.

- Оммен, Хуыцау!

- Саухъæды бæлæстæй быдыры цӕхӕрадон чи скодта,

Хетӕджы дзуар, табу дӕхицӕн!

Дӕуӕн дӕ тыхсты уысмы хъæд цы æххуыс бакодта,

Уыцы æххуысгæнæг дæ кувӕг адӕмӕн фæу!

- Оммен, Хуыцау!

- Ныхасы Уастырджи! Табу дӕхицӕн!

Нæ ныхæстæ кæрæдзийӕн адджын куыд уой,

Уыцы арфæ нын ракæн!

— Арыхъы Дурджын Бӕрзонд Уастыр- джи æмæ рухс Тӕтӕртупп,

Афсӕнвӕндады баруаӕ стут æмæ,

Ӕфсадмæ цы фæсивӕд арвыстам, уыдо- нӕн сабыр дуг рауадзут!

- Оммен, Хуыцау!

- Маздаджы Мады Майрӕм, табу дӕ- хицӕн!

Уыцы фæсивӕд паддзахы быдырты æнæ мад, æнæ фыд сты,

Æмæ сын ды мад, фыды рæвдауæг фæу!

- Оммен, Хуыцау!

- Цыргъобауы зæдтæ æмæ дауджытæ! Табу уæхицӕн!

Hæ рæй нӕм цы хор ӕрбахауа,

Уый нын куывдты æмæ чындзæхсæвты хӕринаг фæкӕнут!

- Оммен, Хуыцау!

- Горæты Ногдзуар æмæ Хуыцауы дзуар!

На гыццыл Ирыстон цы сахарты цæрынц,

Уым æнæмаст, æнæфыдбылызæй куыд цӕрой, уыцы арфӕ сын ракæнут!

- Оммен, Хуыцау!

- Тхосты дзуар, табу дӕхицӕн!

Исчи нын тыхгæнынвӕнд куы скæна,

Уæд нӕхи амонд тыхджындæр куыд уа,

Уыцы арфæ нын ракæн!

- Оммен, Хуыцау!

- Ирыстоны зӕдта!

На гыццыл Ирыстон уæ кувæг адӕм сты

Æмæ æнæфыдбылыз, цард æмæ амондӕй æфсӕст куыд уой,

Уыцы арфæ сын ракæнут!

- Оммен, Хуыцау!

- Hæ рæзгæтæй æмæ нӕ бæлццæттæй зæрдӕрухс куыд уæм,

Уыцы арфӕ нӕ уӕд.

- Оммен, Хуыцау!

- Аходӕггаг - кӕстӕрмӕ, уый фæстæ- дӕр райгуырди,

Ӕнӕтӕригъӕддæр у æмæ хуымилийагӕй уый хъуамӕ сахода.

Хотите добавить статью?

Отправьте на почту