Хетаджы Уастырджийы Кувандон

-Амбал кæмæн нӕй, уыцы Иунӕг Кад- джын Хуыцау, табу Дӕхицӕн! Аппӕт дуне Рафӕлдисӕг Дæ æмæ нӕ Де сконд задты хорзӕх дӕр, Дӕхи хорзӕх дӕр уӕд!

-Оммен, Хуыцау!

-Хетæджы Уастырджи, табу дахицӕн! Ирыстоны зæххыл цæрæг дэллæтæм Хуы- цауæй минӕвар дæ æмæ ныл рæстырдам ахæм амонд нæ уæд! куыд аудай, Дæ рухс куӕ И алы къуымтæй цы дзаджджын хуынтæ цæуы, уыдон дын барст уӕнт!

-Оммен, Хуыцау!

-Хетæджы Уастырджи, табу дахицӕн! Тыхы рæстæг у æмæ дæ курæм: Ӕрафы дон, Урсдон, Ӕрыдон, Фиййагдон, Джызӕлдон сӕхи Терчы донимæ куыд æхсызгонай бабастой, афтæ дæ кувӕг ирон адæмы зонд æмæ хъарутæ куыд баиу уой, ахæм арфæ нын ракæн!

-Оммен, Хуыцау!

-Хетæджы цӕхӕрцӕст Уастырджи, ахæм хорздзинад нын ракæн, æмæ Ирыс- тонæн йæ хуссары хъоппæг дидинæг цæга- ты уардиимæ кæрæдзийыл куыд сыздых- сой! Нӕ ирон туг, нӕ кад, не гъдау, на мадӕлон рæсугъд æвзаг уыд на фесафам, хъхъхъæнын æй куыд бафæразам, уыцы хорзæх дæ курам!

-Оммен, Хуыцау!

-Хетæджы рухс Уастырджи, табу дехи- цӕн! Абон ӕфхӕрд Ирыстоны бæркад йӕ гач- чы нал и, цард фӕцудыдта, фæлæ та йæ бы- наты куыд сбада, нæ æдтæ, нæ дауджытæн та галнывӕндтæ куыд кæнæм, уыцы хорз амонд нын Мыкалгабырæй ракур! Нӕ буц кæстæртæ рын, сонæй хызт куыд уой, уыцы хорэ арфӕ та сын рухс Алардыйæ ракур!

-Оммен, Хуыцау!

-Ныхасы бæрзондыл бадӕг Уастыр- джи, табу дæхицæ!æ хасы фарн куыд уа æмæ ацы змӕст дуджы, Ирыстоны алы- варс цы сыхаг адӕмтæ цæры, уыдонимæ цӕхх æмæ кæрдзын адджынæн куыд хæрæм, не хсӕны хидыл цъӕх хъуына куыннӕ схӕца, кæрæдзийæн бонхорз зæгъынхъом куыд уæм, ахӕм арфæ дæр дӕ курам!

-Оммен, Хуыцау!

-Ӕфсӕддон Уастырджи, дӕумӕ дӕр кувам! На гыццыл Ирыстон дэуарджын бӕстӕ у, æмæ нын ӕй фыдгулы зынгӕй бахъахъхъæен!

-Оммен, Хуыцау!

-Хетæджы Уастырджи, табу дахицӕн! Зӕдты уынаффӕдоны фӕбадыс ӕмӕ, цы амондджын тӕрхæттæ рахæссут, уыдонæй нӕ гыццыл Ирыстонæн дзаджджын хай бакæн!

-Оммен, Хуыцау!

- Чесаны Уастырджи, табу дӕхицӕн! Ирыстоны къæсæры бардуаг дæ, æмæ ацы тыхст дуджы фыдгулты фæндиаг куыннӕ фæуӕм, ахæм арфæ нын ракæ! На сызгъæ- рин къæсæрыл саутуг, фыдзæрдӕ лæг ма- куы 'рбахизӕд! Мидæмæ цæуӕг-иу нæм амонды къах æрбавæрæд, æддæрдам ыл чи хиза, уый та фæндараст куыд кæна, йæ бынатыл сæрæгасæй куыд æмбæла, уыцы хорз арфæ курам!

-Оммен, Хуыцау!

-Фӕндагсар Уастырджи, табу дахи- цӕн! На гыццыл Ирыстоны фæндæгтæ æнæфыдбылыз, æнæмаст куыд уой, хæстон машинæйы цалх сыл куыннӕ тула, ахæм арфæ дæ курӕм! Нæ цæттæ, нæ уазджы- тæ сыл зæрдӕрусхæй хӕрдгӕбыдтæ куыд нывæндой, ахæм арфæ нын ракæ!

-Оммен, Хуыцау!

-Уæ, Хетæджы рагон Уастырджи, зон- гуытыл лӕугæйæ дæм худаистӕй табу кæнæм, курӕм дӕ: Мады Майрӕмы хорзах Иры заххыл байтау! Фыдӕлты хорз амондай нæ æнæхай ма фæкæ! Дæ амменган- джыта тархъæды бæлæстау фылдæрæй фылдар куыд кæной æмæ Ирыстоны кад Уазайы цытджын цъуппӕй бæрзоидæр куыд сисой, ахæм амонд сын ратт!

-Оммен, Хуыцау!

-Уæ, арвы кæрæтты бон æртæ зылды чи кæны, нӕ фыдæлты уыцы цӕхæрцӕст Уастырджи, табу дӕхицӕн! Ирыстоны алы къуыппыл, алы рындзыл дæ рухс кувӕн- дæттæ сты æмæ, сæ алыварс чи цары, уыдон цардӕфсӕст æмæ хурӕфсӕст куыд уой, ахæм арфæ нын ракæн!

-Оммен, Хуыцау!

-Гъӕйтт, Хетæджы Уастырджи, барзондæй ныллӕгмӕ нæм рафӕлгӕс! Кад искуы искæйы кувинæгтæ адджынæн айстай, уæд мах куывд дӕр уый æмбал фæка! Иры заххыл цæрæг дзыллæтæ стырæй, чысылæй де уазӕг, дӕ фæдзахст!

-Оммен, Хуыцау!

-Цæй æмæ афтæ цы зад загъта, мæ ном ссаргæйæ æз хуыздæр ахъаз, хуыздæр арфæтæ ракодтаин, загъгæ, уымæн дæр не ртæ чъирийы барст уӕнт!

-Оммен, Хуыцау!

Хотите добавить статью?

Отправьте на почту