Уастырджийы куывд
-Уастырджи, кæм дӕ!
Сызгъӕрин тӕбӕгъты дын фӕкуывдауа, табу дын уӕд
-Оммен, Хуыцау!
-Хистарты Уастырджи!
Кӕстӕрты схъомыл кӕн ӕнӕниз ӕмӕ фадатджынӕй,
Хорз хистæртæ сæ цы рауайа,
Ахæм арфæ сын ракæн.
-Оммен, Хуыцау!
-О кæстæрты Уастырджи!
Кӕстӕрарӕх ӕмӕ хистӕрзондджынӕй куыд цӕрӕм,
Ахæм арфӕ нын ракæн.
-Оммен, Хуыцау!
-О фæндаджы Уастырджи!
Фидаруӕраг æмæ зондджынсæрæй цы цӕуой нæ кæстæртæ,
Ахӕм арфӕ сын ракæн.
-Оммен, Хуыцау!
-Уæ, тыхджын, кадджын Уастырджи!
Ахæм арфӕ сын ракæн, æмæ, цы фысыммæ æрцӕуой,
Цы фысымæй здӕхой,
Уыдон къӕсӕртӕ амондджын куыд уой.
-Оммен, Хуыцау!
-О Уастырджи!
Нæ сæрыхъуынтæ дæр дӕуӕн нымад сты,
Ӕмӕ-иу цы уазджытæ араст уой нæ хӕдзарӕй,
Уыдон-иу сæ хӕдзӕрттыл дзӕбӕхай сæмбæлын кӕн!
-Оммен, Хуыцау!