Нывонды Куывд Джеоргуыбайы Бар Агбон
-Стыр Хуыцауы хорзӕх нӕ уӕд!
-Оммен, Хуыцау!
-Кæддæриддæр нын æххуысгæнæг куыд уа,
Уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау! -Бӕрӕгбон у, æмæ ныл афæдзӕй- афæдзмӕ домбайдæрæй куыд цӕуа,
Уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Уастырджийы бонтӕ сты, æмæ Уастырджи хуыздæр ахбаз кæмæ ракота,
Мах дæр уый æмбал куыд уæм,
Ахæм амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Бинонтæ стæм, æмæ домбайдæр бинонтæ чи фæци,
Стыр Барзонд Хуыцау хуыздӕр хӕрзтӕ кæмæн ракодта,
Мах дæр уыдон æмбал куыд уӕм,
Ахӕм хорзӕх нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Уӕдӕ нын сыхбæстæ ис æмæ уыцы сыхбæстимæ кæрæдзийы æмбаргæйæ,
Уарзонæй куыд цӕрӕм,
Ахæм амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Нæ хистæртæ амондджынæй, хъæл- дзæгæй сæ кæстæрты циндзинадæй æфсӕст куыд уой!
-Оммен, Хуыцау!
-Бæрæгбон у, æмæ хистæртæн Хуыцау ахæм ахъаз бакæнæд,
Ӕмæ сæ кæстæртæ фылдæрæй-фылдар,
Амонддынæй-амонддындæр куыд кæной!
-Оммен, Хуыцау!
-Уӕдӕ афӕдзæй-афæдзмæ кусартта фæканам,
Амæ сæ Стыр Хуыцау йæхимæ ад нӕн кæмæн айста,
Мах дæр уый æмбал цы фæуӕм,
Уастырджи нын кӕддæриддæр æххуысгæнæг куыд уа,
Ахӕм хорзӕх нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Зæдтæ бирæ сты, бирæ адӕм сӕм Фæкуывтой.
-Нæ фыдæлтæн бирæ хорздзинад куыд дӕттой,
Уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Хохæй быдырмæ цы дзуӕрттæ ис,
Уыдон нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой,
Ахæм амонд нын Хуыцау раттӕд!
-Оммен, Хуыцау!
-Тӕтӕртупп нæ сæрты тӕхӕг у,
Ӕмæ нын нæ цонг Домбай куыд кæна, уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Уæдæ, бӕркадджын куыд уæм кæд- дӕриддæр,
- Уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Дуне сабыр куыд уа, зæххы къорийыл адӕм сæ кæрæдзийы куыд уарзой,
Уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Къӕсæры Уастырджи нын нӕ къӕсӕр Домбай куыд кæна,
Hæ фæндæгтæ та - рухс,
Уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Гъеныр, уазæгæй чи'рбамбӕлди, хас- тæгæй чи'рбамбæлди,
Уыдон дӕр амондджын куыд уой,
Уыцы хорзӕх нын ратт.
-Оммен, Хуыцау!
-Кусӕрттаг хъабыл уӕд,
Афӕдзӕй-афæдзмӕ амондджын бараг бæттæ куыд кӕнӕм,
Уыцы амонд нæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Оммен чи загъта, уыдоны цардамонд дæр бирæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!