Новогодняя молитва
– Хуыцау, табу Дæуæн!
– Хуыцау, ахъаз бакæн!
– Хуыцау, Дæ быны хорзæй, дзæбæхæй цы ис, Уымæй нын Дæ цæст бауарзæд. Фыдбылызæй нæ бахъахъхъæ.
– Оммен, Хуыцау!
– Хуыцау, Дæхи хорзæх дæр æмæ нын Де сконд зæдты хорзæх дæр саккаг кæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Уæларвон Басыл, дæ дуг, дæ рæстæг у, Ног азы хæрзтæ уаргæ рацæудзынæ, Хуыздæр хай æмæ хуыздæр амонд кæмæн бахай кæнай, Уый æмбал мах дæр фæкæ.
– Оммен, Хуыцау!
– Нæ фыдбылызтæ, нæ зындзинæдтæ Зæронд азы фесæфæнт.
– Оммен, Хуыцау!
– Ног азы ног хæрзтæ, ног амæндтæ, Хуыцау, Ды саккаг кæн, Алкæддæр дын Дæ ном дзæбæхæй куыд арæм.
– Оммен, Хуыцау!
– Бирæ кувынæй бирæ хæрзтæ хуыздæр сты, Æмæ нын бирæ хæрзтæ балæвар кæн.
– Оммен, Хуыцау!