Мады Майрамы Куывд

 - О Мады Майрӕм, табу дын уæд, не стыр ныфс, нæ уæларвон мад.

-Оммен, Хуыцау!

-Hæ чындздзон чызджытæ-чъиригæнджытæ,

Дӕ хорзӕх сæ уæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Не'взонг лӕппутæ - дӕ омменгӕн- джытæ,

Дӕ хорзӕх сæ уæд

-Оммен, Хуыцау!

О сыгъдæг Мады Майрам, нæ усгур лæппутæ дӕ кусартгæнджытæ,

Дӕ хорзӕх сӕ уӕд.

-Оммен, Хуыцау!

-О Мады Майрӕм, табу дын уӕд,

Алы къуыппыл дæ кувæндæттæ æмæ алкæмæн дӕр æххуысгæнæг у.

-Оммен, Хуыцау!

О сыгъдæг Мады Майрам, нӕ усгур

-Оммен, Хуыцау!

-Сыкъаджын галтæ, бурхъус нӕл фыстдæ нывондæгтæ.

-Оммен, Хуыцау!

О сыгъдæг Мады Майрӕм, нæ сабитæтæ де уазæг.

-Оммен, Хуыцау!

-Сыгъдæг Мады Майрӕм, ӕвӕстаг адæм дæм зæнæгмæ кувынц

Æмæ сæ дæ хорзӕх уӕд!

-Оммен, Хуыцау!

-Кæмæн цы радтай, Мады Майрӕм,

Уый та цӕринаг куыд уа, уыцы хорзӕх сæ уæд.

-Оммен, Хуыцау!

-О сыгъдæг Мады Майрӕм, дӕ арфæтӕ - чындзы гуыбыны, табу дын æрбауа.

-Оммен, Хуыцау!

-О сыгъдæг Мады Майрӕм,

Сыгъдæг зӕрдæйæ дæм кувӕм æмæ нæ дӕ хорзӕх уӕд.

-Оммен, Хуыцау!

Хотите добавить статью?

Отправьте на почту