Джеоргуыбайы Куывд Дзывгъисы Дзуары Бын

-Хуыцау! Табу Дӕхицӕн, Хуыцау!

-Оммен, Хуыцау!

-Иу бон Дӕ но куы ссарæм, уæд нын сæдæ боны æххуыс-ахъазгӕнӕг фæу!

Оммен, Хуыцау!

Абон фæдзӕхсыны кадджын бон у Ӕмæ цы хорз лæг цы кæстæрты бафæ- дзæхста,

Адон дӕр, Хуыцау, уый рæгъæй куыд уой!

-Оммен, Хуыцау!

-Дэуары хорзӕй фæдзæхст куыд уой, Хуыцау уый зæгъæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Ацы комы мидӕг ис бирæ дзуӕрттæ: Хуыцауы дзуар, Тхосты дзуар,

Амæ уыдон дӕр ацы кувӕг адæмæн æххуысгæнæг куыд уой,

Хуыцау уый зӕгъæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Хетæджы Уастырджи, кадджын дэуар дӕ, домбай дзуар дӕ

Ӕмæ, дæ быны чи цæры,

Уыдон амондджын æмæ дзæбæхæй куыд царой,

Уыцы æххуысгæнæг сын фæу!

Оммен, Хуыцау!

- Дӕ бынты цы адам цæуынц,

Уыдон сæ хӕдзармæ дзæбæхæй æмæ æнæнизæй куыд хæццæ кæной,

Хуыцау уый зæгъæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Уӕдӕ горӕты дæр бирæ фæрнджын æмæ амондджын адæм цары,

Амæ уыцы кад æмæ амондæй ацы кувæг адӕм дæр хайджын куыд уой,

Хуыцау афтæ зæгъд!

-Оммен, Хуыцау!

-Хоры Уацилла, Тбау уацилла, табу, дӕ хорзæхæй!

Адæмæн хор дæр куыд уа, фос дæр куыд ya

Сӕхицӕн дӕр æмæ Дзуары ном ссарынæн дæр,

Хуыцау уый зæгъæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Абон куывдмæ чи эрцыди магæй, сылгоймагӕй,

Уыдоны ацы дзуары хорзӕх уæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Хурыскасæнæй хурныгуылæнмæ дзуарæй цыдæриддар ис

Амӕ ма афтæ чи загъид: Мæ номын куы ссардтаиккой, уæд сын хуыздар бах- хуыс кодтаин»,

Уыдоны хорзӕх дӕр нæ уæд!

Уымæн дæр нæ кувинæгтæ, нӕ мысайнагтӕ барст куыд уой,

Хуыцау уый зæгъæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Афтæмæй, нæ рæстæг сабыр куыд уа, амондджын куыд уа,

Хуыцау уый зæгъæд!

-Стыр Хуыцау, бирæ кувынæй бирæ хӕрзтæ хуыздæр сты,

Ӕмæ нын бирæ хæртæ балӕвар кæн.

Ацы рухс кувӕндонмæ цы мысайнæгтæ, цы'ртыгай кӕрдзынтæ æрбахастой,

Уыдон дын барст уӕнт!

-Оммен, Хуыцау!

-Чи ацахода, уымæн йæ цæрæнбон Хуыцау бирæ скæнæд!

-Оммен, Хуыцау!

Хотите добавить статью?

Отправьте на почту