Джеоргуыбайы Аxcæвы Куывд
-Хуыцау, табу Дӕхицӕн! Дунесфалди- сӕг дӕ, дзуӕртты дӕр Ды сфæлдыстай
Ӕмæ нӕ Дӕ хорзӕх уæд
-Оммен, Хуыцау!
-Тбау уацилла, хор-фосы хицау дӕ æмæ нæ дæ хорзӕх уӕд.
Фидӕнмæ ноджы хуыздæр нывондтæ куыд ӕрхӕссӕм,
Уыцы ахъаз бакæн.
-Оммен, Хуыцау!
-Йе сызгъæринбазыр уастырджи,
Ахсӕв де'хсæв у, æмæ дын табу уæд!
-Оммен, Хуыцау!
-Ахсæв дын бирæ адæм дӕ ном ардзысты,
- Уыдонæй хуыздæрæн кæй куывд ай- стай,
Нæ куывд дæр уый æмбал фæкæн.
-Оммен, Хуыцау!
- Уастырджи! Тыхгæнæгæй нӕ бахиз.
-Оммен, Хуыцау!
-Уастырджи! Нæ цот, нæ кæстæртæ де уазӕг.
-Оммен, Хуыцау!
-Уастырджи! Нӕ уазæг дæр де уазӕг фод,
Амондджын уазджытæ нӕм цӕуæд.
Оммен, Хуыцау!
- Уастырджи! Нæ æццæттæ де уазӕг,
Сӕ хӕдзӕрттыл æнæмаст, æнæфыдбы- лызæй, дзæбæхæй æмбæлæнт!
- -Оммен, Хуыцау!
-Уастырджи! Магуыр лæгæн æххуысгæнæг дæ
Ӕмӕ мах дӕр дӕ хорзӕх уӕд.
Дӕ фидан бонтæ куыд æрцæуой, хъæлдзæгдæрæй
Уыцы арфæ нын ракæн.
-Оммен, Хуыцау!