Цыргъобауы Куывд
-Уӕ Хуыцау, Дӕ кувӕн бонтӕ сты
Амӕ, рæсугъддæрæй кæуыл æрцыдысты,
Мах дæр уый æмбал фæкæн.
-Оммен, Хуыцау!
-Уæдæ, рухс Цыргъобауы дзуар, табу дӕхицӕн уӕд!
-Оммен, Хуыцау!
-Дӕ бынты цы фæсивӕд, цы адамта цæуы, уыдон фæндарастгӕнӕг у!
-Оммен, Хуыцау!
-Уæ рухс Цыргъобауы дзуар,
Дæ бынмæ цы куывддон адӕм ӕрбацыд,
Уыдонӕн се ртыгай чъиритæ адджынӕн айс!
-Оммен, Хуыцау!
-Уæ рухс Цыргьобауы дауар,
Кад дзы исчи истæмæй фæрæдыд, уæд ын ныххатыр кæн!
-Оммен, Хуыцау!
-Куваг адам, уæ цæттæ, уæ рынчынтӕ Цыргъобауы дзуары уазæг уӕнт!
-Оммен, Хуыцау!
-Йæ быны цы хортæ байтыдтат,
Уыдон уын фæззӕджы куывдты æмæ чындзæхсӕвты хӕринæгтæн бахъæунт!
-Оммен, Хуыцау!
-Иннæ aз уыл ацы бæрæгбон рæсугъддæрæй, амондджындæрæй куыд æрцæуа
Цыргъобауы дзуар уын уыцы хорзӕх ракæнæд
-Оммен, Хуыцау!
-Уастырджи, Хуыцауы фыццаг минæвар дæ
Ӕмӕ ацы адæмæн Хуыцауæй хорэдзинæдтæ ракур!
-Оммен, Хуыцау!
-Хъæубæсты зӕд, ацы хъæубæстæ уыдысты фæрнджын хъæубæстæ
Æмæ сæ дæ хорзӕх уӕд!
-Оммен, Хуыцау!
-Нæ хохы дзуæрттæ, нæ быдыры кувæн- дæттæ, табу уæхицӕн!
-Оммен, Хуыцау!
-Уацилла, фыдбылыз сафæг дӕ, æмæ фыдбылызæй хызт ут, амондӕй-тыхджын!
-Оммен, Хуыцау!
-Мӕздаджы Мады Майрӕм уын мадфыды хӕрзтæ ракæнæд,
Рахизырдæм уыл дэуар бафтауӕд.
-Оммен, Хуыцау!
-Арджынарӕджы Татæртупп знаджы ссæуæнты бады,
Æмæ знагӕй хызт куыд уат, уыцы хорзӕх уын ракӕнӕд!
-Оммен, Хуыцау!
-Дзылаты дзуар, уӕдӕ нӕм сылгоймаг фæсивӕд дæр бирӕ ис
Ӕмæ дæу хуызæн нывджын, амондджын куыд уой, уыцы арфæ ракӕн.
-Оммен, Хуыцау!
-Уæ бӕрзонд Реком, Мыкалгабыртæ, Адӕм хорфосӕй æфсӕст куыд уой
Ӕмæ сæ куывдты, чындзæхсӕвты куыд бахъæуой,
Уыцы хорзӕх ракæнут!
Оммен, Хуыцау!
- Уæ Хъилы Уастырджи, Архы Уастырджи, Амаддзаджы дзуар, табу уӕхи- цӕн!
-Оммен, Хуыцау!
-Уӕ Хетӕджы Уастырджи, ды дӕхæ- дæг зын раны куы уыдтæ,
Уӕд дын Хуыцау цы ахъаз бакодта, Уыцы ахъаз бакæн ды дӕр ацы адæмæн!
-Оммен, Хуыцау!
-Рухс Цыргъобауы дзуар, табу дын уæд,
Куывддон адæмæн хорэ арфӕтæ ракан!
-Оммен, Хуыцау!
-Оммен цы кæстæртæ кодтой, уыдоны цæрæнбон бирæ уæд!
-Оммен, Хуыцау!