Артæ чъирийы кувгæйæ
– Хуыцау, табу Дӕхицӕн!
– Оммен, Хуыцау!
– Абон Дӕ бон у, бирӕ адӕм Дӕм кувынц, - Хорздзинӕдтæ дæ курынц Ӕмӕ хуыздæрæн кæй кувинæгтæ, кæй куывд айстай, Уый æмбал мах дæр фæкӕн.
– Оммен, Хуыцау!
– Анӕниз, æнæмаст, хъæлдзæг, амондджын куыд уæм.
– Оммен, Хуыцау!
– Хуыцау, хорздзинадæй кæй зæрды цы ис, уыдон сæ къухы куыд æфтой, уыцы хорзӕх ракæн!
– Оммен, Хуыцау!
– Фӕсивӕд рӕствæндаг куыд уой кӕддӕриддӕр, Бӕстӕ сабыр куыд уа, Адӕм кӕрӕдзийы куыд æмбарой, Дунесфалдисӕг, уыцы хорзӕх ракæн!
– Оммен, Хуыцау!
– Хуыцау, нӕ чысыл фæллойæ нӕ къухы бирæ ис цы уа, уыцы амонд нæ уæд.
– Оммен, Хуыцау!
– Фыдбылызтӕй хызт цы уӕм, Нӕ кӕстӕртӕн сабыр, рæсугъд фидӕн цы уа, уыцы арфæ сæ уæд.
– Оммен, Хуыцау!
– Стыр Хуыцау, нӕ кувинӕгтӕ Дын барст уӕнт æмæ нӕ Дӕ хорзӕх уӕд!
– Оммен, Хуыцау!