Алардыйы Куывд

 -Аларды, табу дын уæд!

-Оммен, Хуыцау!

-Hæ сабитæ де уазæ уæнт!

-Оммен, Хуыцау!

-Хуссары мæнæуæй дын чъиритæ кæнтæ.

Бурхъус нӕл уæрыччытæ дæн хæсдзыстæм.

-Оммен, Хуыцау!

-Усгур лӕппутæ дæ кусартгӕнджытӕ

-Оммен, Хуыцау!

-Чындздзон чызджытæ дæ чъиригӕнджытæ,

-Оммен, Хуыцау!

-Кæстæр фæсивӕд - дӕ омменгӕнджытӕ

Ӕмæ сæ де уазæг бакӕн.

-Оммен, Хуыцау!

-Хъазгӕ нӕм ӕрцу, худгӕ нӕ нууадз,

Дæ рынтæ бахæрæм.

-Оммен, Хуыцау!

-Фиддæгтæ-иу ратт,

Де зӕлы дысӕй-иу сӕ расӕрф, афтæмæй.

-Оммен, Хуыцау!

-Дæ чъылдымæн дын кувдзыстам,

Де'ргом нæм ма раздах,

Афтæмæй дын табу, рухс Аларды!

-Оммен, Хуыцау!

Хотите добавить статью?

Отправьте на почту