Афсатийы Куывд

- О Афсати, табу дын уæд!

Магуыр лаг дӕн, Хуыцауы сфæлдыст адæймаг дæн,

Дӕ бынмæ æрбацыдтæн æмæ дын лæгъстæ кæнын.

Курын дæ, дæ бар рæгъæуттӕй мын

Ма бавгъау кæн иу къуылых сычъи кӕнæ сæгуыт.

Курын, бӕрзондæй мæм ныллӕгмæ æркас

Амæ мын саккаг кæн дæ сиуджынтæй ну сырд.

Мæ кувинаг дын барст фӕуӕд

Æмæ мæ дæ хорзӕх уæд.

Зӕрдӕрайгæ дæ цы аздӕхон фæстæмæ,

Уыцы хорзӕх мын ракæн.

Хотите добавить статью?

Отправьте на почту